Перейти к содержанию

Теймураз II

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Теймураз II
гуырдз. თეიმურაზ II
Къахеты паддзах
1732 — 1736
Раздæр чи уыдКонстантин II
ФæстæдæрАлександр III
1737 — 1744
Раздæр чи уыдАлександр III
ФæстæдæрИраклий II
1744 — 1762-æм азы 8 январы
Раздæр чи уыдПерсайнаг оккупаци
ФæстæдæрИраклий II

Райгуырдис1700-æм азы 7 ноябры(1700-11-07)
Амардис1762-æм азы 8 январы(1762-01-08) (61 азы)
Ныгæныны бынатАстраханы Успенскийы соборы
МыггагБагратионтæ[d]
ФыдИраклий I
МадАннæ Чолокашвили
Æмкъай1) Арагуийы Тамар
2) Тамара Багратиони
3) Аннæ Бараташвили
СывæллæттæИраклий II, Давид, Иоанн, Соломон, Кетеван, Еленæ, Аннæ
Тамарæ æмæ Елизаветæ
ДинРастуырнад, Гуырдзиаг еклези
КъухæрфыстИзображение автографа
Хорзæхтæ
орден Святого апостола Андрея Первозванного
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Теймураз II (гуырдз. თეიმურაზ II; 1700 — 1762-æм азы 8 январы) уыд Къахеты паддзах (17331736, 17371744), стæй ма Картлийы паддзах дæр (17441762). Багратионты мыггагæй. Поэт-лирик. Картли æмæ Къахеты паддзах Ираклий I-æмы фырт. 1744-æм азы Теймуразы фырт Ираклий II сси Къахеты паддзах, уымæй йæ бон баци скæсæйнаг Гуырдзыстоны фылдæр хай баиу кæнын.

Теймураз II æнувыдæй архайдта Скæсæйнаг Гуырдзыстон баиу кæныныл, йæ æддаг политикæйы фылдæр æргом здæхта Уæрæсемæ.

1761-æм азы æрцыд Бетъырбухмæ, куырдта æххуыс регионы æндæр бæстæты ныхмæ. Амардис Бетъырбухы, ныгæд æрцыдис Астраханы.

Гуырдзыстон францусаг картæйыл. Париж, 1748.

ЦардафыстБындур ивын

Теймураз II-ы ингæн Астраханы аргъуаны

Къахеты паддзах Теймураз знæггад кодта Арагуи æмæ Чысаны еристаутимæ. 1743-æм азы Арагуийы ерыстау Бежаны амардтой, æмæ йæ адæм базыдтой паддзах Теймуразы æлдариуæг. 1744-æм азы Теймураз рабалц кодта Чысаны ерыстау Гиви Амилахвари ныхмæ, уый та йæ галуанæй ралыгъдис Ираны сахмæ. Йæ хæстæджытæй иу лæг, Реваз, Чысаны еристауы фидартæ радта Теймуразæн хибарæй[1].

1744-æм азы Ираны сах Надир-сах (17361747) снысан кодта къахеттаг паддзах Теймуразы Картлийы паддзахæй дæр, йæ фырт Ираклийы та — Къахеты паддзахæй.

1760-æм азы картлийаг паддзах Теймураз II, кæцы тарстис Азат-сахæй, абалц кодта Уæрæсемæ, фæндыди йæ ус-император Елизаветæйæ æххуыс ракурын. Уыцы заман Уæрæсе Пруссиимæ тох кодта, æмæ йæ бон нæ баци Гуырдзыстонæн æфсæддон æххуыс радих кæнын. Гуырдзиаг паддзахæн радтой Андрей Первозванный орден, фæлæ æфсад Кавказмæ нæ арвыстой. Йæ минæвæрады рæстæг 1762-æм азы январы Картлийы паддзах Теймураз II йæ цардæй ахицæн Бетъырбухы. Йæ фыды амæлæты фæстæ ног паддзах Ираклий II-æн йæ къухы бафтыд йæ дæлбар баиу кæнын Картли-Къахеты паддзахад.

СфæлдыстадБындур ивын

Теймураз II йæ фыдыфыды фыд Теймураз I-ы сфæлдыстадон бынтæ адарддæр кодта. Йæ уацмысты ’хсæн зындгонддæр у «Бон æмæ æхсæвы ’хсæн быцæу», уый лæмбынагæй афыссы феодалон æхсæнады æгъдæуттæ. Йæ «Дыргътæн стауæн ныхас» у ирхæфсæн поэзийы дæнцæг, тынг парахат æндæр XVII-XVIII æнусты гуырдзиаг поэтты ’хсæн дæр. Теймураз Бетъырбухы куы уыд балцы, уæд йе ’мдзæвгæтæй зарæг кодта уырыссаг рæсугъд чызг Варварæ Бутурлина. Арчилы хуызæн, Теймураз дæр ныффыста йæхи «Ныхас Руставелиимæ». Уый канд хи æмдзæвгæтæ нæ фыста, фæлæ тæлмацтæ дæр кодта — уый гуырдзиагмæ раивта «Синдбад»[2].

БинонтæБындур ивын

Теймураз II æртæ хатты ус æрхаста. Йæ фыццаг ус уыд Тамар, Бахадур II Сидамонийы чызг. Уымæй ын цот нæ уыд, æмæ йæ усæй фæхицæн 1710-æм азы.

1712-æм азы дыккаг хатт ус æрхаста, йæ бинойнаг уыд Картлийы паддзах Вахтанг VI-ы чызг Картлийы Тамар (16971746). Бинонтæм райгуырдысты бирæ цот: Ираклий II (17201798), Картли-Къахеты паддзах (17621798), Давид (амардис 1729-æм азы), Иоанн (амардис 1736-æм азы), Соломон (17471749), Кетеван, Ираны сах Адиль-сахы ус 1737-æм азæй (17471748), Еленæ (амардис 1743-æм азы), сси кънйаз Заза Панашертелийы ус, æмæ Аннæ, кънйаз Деметри Орбелианийы ус 1744-æм азæй.

1746-æм азы паддзах æртыккаг хатт ус æрхаста, йæ ус Бараташвили Аннæйæ (17341784) райгуырдысты дыууæ чызджы — Тамар (райгуырдис 1749-æм азы) æмæ Елизаветæ (17501770).

ФиппаинæгтæБындур ивын

ЛитературæБындур ивын

🔥 Top keywords: Сæйраг фарсВикипеди:НыхасВикипеди:БæрнСæрмагонд:ФæстагИвдтытæДыккаг дунеон хæстКоимбрæВикипеди:АфыстВикипедиУæрæсейы Федерацийы социалон картæÆххуыс:МидисВикипеди:Ног хабæрттæВьетнамаг æвзагКатегори:ÆппæтХетæгкаты КъостаVk.comУчастник:WikitanvirЧехиСæрмагонд:АгурынКатегори:Википеди:Викирардтæй йæ ратæдзæнтæ чи исы, ахæм уацтæКоцойты АрсенАвстралиВикипеди:ИндексСтыр БританиИрон æвзагАбайты ВасоСоветон репресситæ полькаг æмбæстæгтыл (1939–1946)Къароладон ПруссиТайаг æвзагЛимæСæрмагонд:МæНыхасВикипеди:КъæрттТар фэнтезиСæрмагонд:МæБавæрдПлиты Иссæ16 январыЦæгат ИрыстонИнтернетВикипеди:Стилы разамындАмерикæйы Иугонд Штаттæ