Вилья, Панчо

Хосе́ Дороте́о Ара́нго Ара́мбула (исп. José Doroteo Arango Arámbula, 1878-æм азы 5 июны — 1923-æм азы 23 июлы , фылдæр хъуыстгонд уыд куыд «Франси́ско Ви́лья» (исп. Francisco Villa) кæнæ «Па́нчо Ви́лья» (исп. Pancho Villa) уыдис растджыты раздзогтæй иу Мексикæйы революцийы рæстæг.

Панчо Вилья
исп. Pancho Villa
1913 — 1914
Райгуырдис1878-æм азы 5 июны(1878-06-05)[1][2]
Амардис1923-æм азы 20 июлы(1923-07-20)[1] (45 азы)
Гуырæн номисп. José Doroteo Arango Arámbula
КъухæрфыстИзображение автографа
Хуындадинæлар
Тохтæ
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Цардафыст

Райгуырдис мæгуыр зæхкусджыты хæдзары. 1912-æм азы Паскуаль Ороскойы контрреволюцион растады рæстæг сæмбырд кодта бæхджынты бал, æмæ хицауады æфсæдтимæ архайдта растад басæттыныл. Хицауы бартæ йæхимæ инæлар Уэрта куы райста, уæд Вилья райдыдта растад хицауады ныхмæ æмæ сарæзта Цæгатон дивизи, уый архайдта Чиуауæйы æмæ Коауилæйы. Уæртæйы режим куы æрхаудта уæд Эмилиано Сапатаимæ цæдисы райдыдта тох Каррансы хицауадимæ, 1914-æм азы декабры йе ’фсад бацахста Мехико, фæлæ йæ 1915-æм азы январы ныууагъта.

1916-æм азы 9 мартъийы Вилья балимæ АИШ-ы арæнтыл ахызтир æмæ ныххаудта сахар Колумбусыл, штат Нью-Мексикойы, æмæ расайдта АИШ-ы æфсæдты ныббырст. Уый фæстæ тох кодта Каррансы хицауадимæ æмæ АИШ-ы бабырсгæ æфсæдтимæ иумæ. АИШ-ы æфсæддонтæн сæ бон нæ бацис æрцахсын æмæ сæ маст райсын Вильяйæ 1917-æм азы фæстæмæ раздæхтысты.

1920-æм азы Вилья бафидыдта Мексикæйы президент Адольфо Уэртоимæ æмæ ныууагъта революцион тох. 1923-æм азы æхст æрцыдис йæхи хæдтулгæйы сахар Идальго-дель-Паррал штат Чиуауæйы æмæ фæмард.

Цымыдисаг хабæрттæ

  • Америкæйы хæстонты, кæй къухы нæ бафтыдис Панчо Вильяйы ныддæрæн кæнын, уыдысты Джон Першинг æмæ Джордж Паттон.
  • Вильяйы мæлæты, кæнæ царды тыххæй мексикаг адæм скодтой зарæг «Кукарачæ», ацы зарæг зыдтой Советон Цæдисы дæр.

Литературæ

  • И. Лаврецкий «Панчо Вилья». Жизнь замечательных людей, Молодая гвардия, 1962 г.

Æрвитæнтæ

Фиппаинæгтæ