Галич, Милан

Ми́лан Га́лич (серб. Милан Галић; 1938-æм азы 8 мартъийы, Зренянин — 2014-æм азы 13 сентябры, Белград) — Югославийы футболист, размæбырсæг. Райста хайад 1960-æм азы Европæйы чемпионаты, 1960-æм азы Олимпиадæйы æмæ 1962-æм азы дунейы чемпионаты футболæй.

Футбол
Милан Галич
Милан Галич 1966 азы
Милан Галич 1966 азы
Иумæйаг информаци
Райгуырдис1938-æм азы 8 мартъийы(1938-03-08)[1]
Зренянин, Югославийы къаролад
Амардис2014-æм азы 13 сентябры(2014-09-13) (76 азы)
ÆмбæстонадЮгослави
Серби
Ас173 см
Уæз70 кг
Позициразмæбырсæг
Фæсивæдон клубтæ
1952—1955Югослави Пролетер (Зренянин)
Клубон карьерæ[* 1]
1955—1958Югослави Пролетер (Зренянин)? (?)
1958—1966Югослави Партизан148 (74)
1966—1970Бельги Стандард (Льеж)84 (33)
1970—1973Франц Реймс55 (18)
Националон иугонд командæ[* 2]
1959—1965Югослави Югослави51 (37)
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Футболон карьерæ

У фæсивæдон командæ «Пролетер»-ы хъомылгæнинаг, 1958-æм азæй 1966-æм азы онг хъазыдис Белграды «Партизан»-ы, кæй сконды сси Югославийы цыппар хатты чемпион (1960/61, 1961/62, 1962/63 æмæ 1963/64) æмæ хъазыди Европæйы чемпионты хъалацы финалы (1966). 1966-æм азы ацыдис Льежмæ «Стандард»-ы хъазынмæ æмæ дзы баззадис 1970-æм азы онг. 1970-æм азы Галич раивта францаг «Реймс»-мæ, уым дæр йæ карьерæ фæци 1973-æм азы.

Иугонд командæйы сконды

Югославийы иугонд командæйы йæ фыццаг хъазт уыдис 1959-æм азы 31-æм майы, Болгарийы ныхмæ. Уæд Галич бакуырдта иу гол. Европæйы чемпионаты финалы хъазгæйæ, Советон Цæдисы командæйы ныхмæ, бакуырдта гол, фæлæ Югославийы командæ фембылды ис (1:2) æмæ райста æвзист майдан. Æмткæй райсгæйæ иугонд командæйы сконды Милан Галич хъазыдис 51 хатты æмæ бакуырдта 37 голы. Уымæй фылдæр голтæ уыцы командæйы хъазджытæй бакуырдта æрмæстдæр Степан Бобек.

Иугонд командæАзХъæзтытæГолтæ
Югослави195921
19601414
1961117
1962108
196332
196452
196563
Æдæппæт5137

Æнтыстытæ æмæ хæрзиуджытæ

Клубтæ

«Партизан»
  • Югославийы фыццаг лигæ: 1960–61, 1961–62, 1962–63, 1964–65.
  • Югославийы хъалац: 1959–60 финалист.
  • Европæйы хъалац: 1965–66 финалист.
«Стандард Льеж»
  • Бельгийы фыццаг дивизион: 1968–69, 1969–70.
  • Бельгийы хъалац: 1966–67.

Иугонд командæ

Югослави
  • Олимпиаг хъæзтытæ: 1960
  • Европæйы нациты хъалац: 1960 азы финалист.

Индивидуалон

  • Сæрдыгон олимпиаг хъæзтыты хуыздæр бомбардир: 1960.
  • Европæйы нациты хъалацы хуыздæр бомбардир: 1960.
  • Сызгъæрин хæрзиуæг (Zlatna značka, Югославийы афæдзы спортсмен): 1962.
  • Балон д’ор («сызгъæрин пурти», францаг хæрзиуæг, райста 8-æм бынат): 1962.

Æрвитæнтæ

Фиппаинæгтæ