Гуымы Хъæрмæдон
Гуымы Хъæрмæдон[2] кæнæ Гумы хъæрмæдон[3] (уырыс. Пятигорск) у Уæрæсейы сахар, Стъараполы крайы хуссары, Минеральные Водыйы агломерацийы. Цæрынц дзы 145,8 мин адæймаджы (2017). 2010-æм азы январæй Гуымы Хъæрмæдон у Цæгат Кавказы федералон зылды центр.
Сахар | |
Гуымы Хъæрмæдон | |
---|---|
уырыс. Пятигорск | |
44°02′ с. ш. 43°03′ в. д.HGЯO | |
Паддзахад | Уæрæсе |
Федерацийы субъект | Стъараполы край |
Истори æмæ географи | |
Бындурæвæрд | 1780 |
Фыццаг кой | XIV æнус |
Раздæры нæмттæ | Горячие Воды, Константиногорск |
Сахар кæдæй | 1830 |
Фæзуат |
|
Центры бæрзæнд | 500 м |
Сахатон таг | UTC+3:00 |
Цæрджытæ | |
Цæрджытæ | ↘144 955[1] адæймаджы (2023) |
Национ сконд | уырыс, сомих æмæ æнд. |
Цифрон идентификатортæ | |
Телефонон код | +7 8793 |
Посты индекстæ | 357500 |
pyatigorsk.org(уырыс.)(англ.) | |
Викикъæбицы медиа |
Стъараполæй Гуымы Хъæрмæдонмæ ис 196 километры. Гуымы Хъæрмæдонæн йе скæсæны æрбынат кодта Цæгат Кавказы стырдæр базар — «Предгорье» (зындгонд у куыд «Людмилæ»).
Гуымы Хъæрмæдонмæ хæстæг у хох Бестау (1401,2 м). Сахары арæны мидæг ис цалдæр хохы, уыдонæй зындгонддæр у Машук (993,7 м).
1903-æм азæй сахары цæуынц трамвайтæ. Ныртæккæ кусынц 8 маршруты, цæуыны мызд у 10 сомы (2010-æм азы 1 январæй).
Гуымы Хъæрмæдон зындгонд у йæ уæлдæр ахуыргæндæттæй, æдæппæт сты 17, æмæ дзы ахуыр кæнынц 40 мин студенты бæрц[4]. Æппæты зындгонддæр у Гуымы Хъæрмæдоны паддзахадон лингвистикон университет.
Сахары этникон сконд, 2002-æм азы сфыстмæ гæсгæ, у ахæм:
- Уырыссæгтæ — 153 251 адæймаджы (75 %)
- Сомихæгтæ — 27 362 (13,4 %)
- Украинæгтæ — 4 405 (2,2 %)
- Грекъæгтæ — 4 029 (2,1 %)
- Азербайджайнæгтæ — 2 535 (1,2 %)
- Дзуттæгтæ — 1 333 человек (0,7 %)
- Кæсгæттæ — 1 138 (0,6 %)
- Вьетнамæгтæ — 1 045 (0,5 %)
- Ирæттæ — 986 (0,5 %)