Осхъопила

Осхъопила[1] (гуырдз. ოსყოფილა), ома «раздæры ирон», кæнæ та наосари (гуырдз. ნაოსარი, «ирæттæй рацæуæг») у гуырдзиаг дзырд, кæцы амоны, хуссар ирæттæй хохæй быдырмæ чи ралыгъди æмæ Гуырдзыстоны цард æмæ æгъдæуттыл чи сахуыр кодта, ахæмты[2].

Раздæр, Октябры революцийы онг, уыцы ныхасæн уыди æндæр нысаниуæг, ацы дзырдæй пайда кодта Гуырдзиаг еклези, æмæ уый амыдта, гуырдзиаг аргъуанæй дзуарæфтыд чи уыдысты, ахæм ирæтты: гуырдзиаг аргъуанмæ гæсгæ йе ’ууæнк чырыстæттæ иууылдæр уыдысты гуырдзиæгтæ, аргъуанæн йæ иунæг æвзаг уыди гуырдзиаг, ирон адæм та уымæй чырыстоныл нымад нæ уыдысты, фæлæ «муртаккон» диныл хæст адæмыхаттыл.[3]

Ныртæккæ ацы ныхасæй арæх пайда кæнынц ирæттæ сæхæдæг[4].

Ирæттæй рацæугæ иуæй-иу мыггæгтæ бынтон ассимиляцигонд сысты æмæ ныртæккæ нымад сты гуырдзиаг мыггæгтыл. Ахæм мыггæгтæй рацыдысты Советон Цæдисы разамонæг Иосиф Сталин æмæ «Цхинвалы диктатор» меньшевик Къоста Хъазишвили.

Фиппаинæгтæ