Хуыгатæ

Хуыгатæ (уырыс. Хугаевы, гуырдз. ხუგაშვილი[1]) сты стырдæр ирон мыггæгтæй иу.

Истори

Мыггаджы равзæрд

Цыдæр таурæгътæм[2]гæсгæ, сæ равзæрд цæуы Мамысонæй. Уырдыгæй сæ рагфыдæл Гуылар афтыдис Къуыдаргоммæ. Гуыларæн уыдис æртæ фырты: Коцой, Теблой, Зассе æмæ Хуыга. Фæстæдæр уыдон Къуыдаргомы фесты хицæн мыггæгтæ: Коцойтæ, Теблойтæ, Зассетæ æмæ Хуыгатæ. Иннæ версимæ гæсгæ, Гуылар йæ фырттимæ æрбацыдис Ручъы комæй:

«Хуыга... уыди цуанон лæг, лидзгæ та Брытъатæй, уартæ Урстуалтæй»[3]

Хуыгаты æрцард Къуыдаргомы

Фыццаг хъæу, уыдон кæм æрцардысты се ’рвадæлтимæ, уыди Часавал. Уый æрбынат кодта тæккæ Хуыгаты хохы рæбыны. Иннæ Хуыгатæ ацыдысты дæлæмæ æмæ бындур æрæвæрдтой Æхсæрджыны комы мидæг сæ дыккаг хъæу — Æхсæрджынæн. Æртыккаг хъæу, Хуыгатæ кæм ’рцардысты, æрбынат кодта Часавалы бакомкоммæ ’мæ йæ ном уыди Шеубан. Стæй Рацъы хохы рагъы цæгатаг къуылдымы цур равзæрдис Хуыгаты цыппæрæм хъæу — Хæрдысæр. Уый фæстæ Хуыгатæ сарæзтой сæ фæстаг хъæу — Мыртгæджын. Ацы хъæу лæууыдис скæсæйнаг кæроны Дуалы нарæг хохы хизæны, Сембулы хъæуы цур. Афтæмæй, Хуыгатæм уыди фондз хъæуы. Цасдæр рæстæг куы рацыдис, уымæй фæстæмæ уыдон æндæр кæмттæм лидзын райдыдтой: Рацъ, Дзауы ком, Цхинвал, Къахет, Гурмæ ’мæ æнд.

Номдзыд Хуыгатæ

Фиппаинæгтæ

Æддаг æрмæг