Æвзагзонынад
Æвзагзонынад (æвзагахуырад дæр, лингвистикæ дæр) у, æвзæгтæ чи иртасы, ахæм зонад.
Æвзагзонынадæн йæ иртасинаг у:
- адæймаджы æвзаг æмткæй; алы æвзаджы дæр цы ис, уый (иумæйаг æвзагзонынад);
- конкретон æвзæгтæ сæрмагондæй (сæрмагонд æвзагзонынад).
Æвзаг иртасынæн цæттæ нæу, лингвист æвзаджы системæ ныхасы факттæй рацаразы. Ныхасы архайды фæстиуæгæн фæзынынц тексттæ — гъе тексттæ иртасынæй базонæн и æвзаджы структурæ. Иуæй-иу хатт системæйы хицæн хæйттæ сбæлвырд кæнынæн аразынц лингвистикон эксперименттæ дæр.
Æвзагзонынады иртæстытæ ахъаз сты æвзæгтæ ахуыр кæнынмæ, кæссын-фыссыны зонындзинæдтæ парахат кæнынмæ, дзырдуæттæ æмæ тæлмацгæнæн программæтæ аразынмæ, ног терминтæ æрымысынмæ æмæ афтæ дарддæр.
Къабæзтæ
Иумæйаг æмæ сæрмагонд æвзагзонынады иртæст цæуы æвзагон системæйы алы къæпхæн дæр:
Номдзыд иртасджытæ
- Абайты Васо
- Апресян, Дереничы фырт Юрий
- Вежбицка, Аннæ
- Гримм, Якоб
- Гумбольдт, Вильгельм
- Зализняк, Анатолийы фырт Андрей
- Панини
- Сепир, Эдуард
- Соссюр, Фердинанд де
- Хомский, Ноам
- Шёгрен, Андреас
- Якобсон, Осипы фырт Роман
Æвзæгты бирæхуызондзинад
Æвзагзонынады сæрмагонд хæйттæ сæ иртасинагмæ гæсгæ дих кæнынц афтæ:
- сæрмагонд æвзаг куы иртасынц (японистикæ иртасы япойнаг æвзаг);
- сæрмагонд æвзæгты къорд куы иртасынц (иранистикæ иртасы ирайнаг æвзæгтæ, балканистикæ та — балкайнаг æвзæгтæ).
Цардæгас æвзæгтæ
- Англисаг æвзаг
- Араббаг æвзаг
- Ирон æвзаг
- Кæсгон æвзаг
- Китайаг æвзаг
- Немыцаг æвзаг
- Польшæйаг æвзаг
- Румынаг æвзаг
- Урду
- Уырыссаг æвзаг
- Францаг æвзаг
- Эсперанто
æмæ æндæртæ.
Мард æвзæгтæ
æмæ æндæртæ.
🔥 Top keywords: Сæйраг фарсУæрæсейы Федерацийы социалон картæВикипеди:АфыстДыккаг дунеон хæстÆххуыс:МидисВикипеди:Ног хабæрттæСæрмагонд:ФæстагИвдтытæВикипеди:БæрнВикипедиВикипеди:Хъазуатон куыстВикипеди:НыхасКатегори:ÆппæтVk.comЧехиСæрмагонд:АгурынКатегори:Википеди:Викирардтæй йæ ратæдзæнтæ чи исы, ахæм уацтæАнглисаг æвзагЦæгат ИрыстонАмерикæйы Иугонд ШтаттæКоцойты АрсенХуызæг:Ирон мифологиБургундиПлиты ИссæГрадарæСтыр БританиПезаро æмæ УрбиноЧакобсаХуызæг:Cite webИндиБарастырÆрдзУæрæсеВикипеди:МинæварадДзылæуСомихХуызæг:Cite journalИлас ÆрнигонХуссар КорейДурæвзалы