Гуырдзыстоны президент

Гуырдзыстоны президент (гуырдз. საქართველოს პრეზიდენტი) у Гуырдзыстоны паддзахады сæргълæууæг. Гуырдзыстон 2017-æм азæй у парламентон республикæ, æмæ йæ президент уæлдайдæр церемониалон хæстæ æххæст кæны, хицауады сæрдарæн фæлдæр хъомыс ис.

Президенты æвзарынц фондз азмæ (2018-24 азты — æхсæз азмæ), дыууæ æмгъуыдæй фылдæр президент уæвæн нæй.

Гуырдзыстон Советон Цæдисæй фæиппæрд 1991-æм азы 9 апрелы. Уыцы иу аз 27 майы фыццаг президенты æвзæрстыты фæстиуæгæн Гуырдзыстоны президент сси Звиад Гамсахурдия[1].

1991-æм азы декбры — 1992-æм азы январы бæстæйы сарæзтæуыд хæстон рафæлдæхт, уый фæстæ Гуырдзыстоны сæргъы слæууыд Эдуард Шеварднадзе, фæлæ президенты бынат 1995-æм афтид баззадис. 1995-æм азы 5 ноябры ног æвзæрстыты фæстиуæгæн Э. Шеварднадзе сси Гуырдзыстоны президент, ногæй йæ равзæрстой адæм 2000-æм азы 9 апрелы. Афтæ хуынд «уардиты революцийы» фæстæ Шеварднадзейы йе ’мгъуыды кæроны агъоммæ ацæуын бахъуыди.

2004-æм азы 4 январы Гуырдзыстоны цæрджытæ президентæй равзæрстой Михаил Саакашвили[2]. 2013-æм азы бæстæйы цыппар президент сси Георгий Маргвелашвили.

2018-æм азы 28 октябры æвзæрстытæ фæуæлахиз ис Саломе Зурабишвили[3].

Гуырдзыстоны ног конституцимæ гæсгæ (2017) паддзахад парламентон уагмæ куы рацæуы, уый тыххæй президенты æвзардзысты æппæт адæм нæ, фæлæ 300 æвзарæджы, се ’рдæг парламенты уæнгтæ уыдзысты, æндæр æрдæг та — регионты минæвæртæ.

Гуырдзыстоны президентты номхыгъд

Президент

(годы жизни)
КъамКæдæй куыстаКæдмæ куыстаФиппаинаг
1Звиад Гамсахурдиа

(1939—1993)
14 апрелы 199131 декабры 1993Хицауиуæг нал кодта 1992 азы 6 январæй, мидхæсты аххосæй йæ бынатæй иппæрд æрцыд
2Эдуард Шеварднадзе

(1928—2014)
25 ноябры 199523 ноябры 2003Бæстæйы сæргълæууæг 1992 азы 10 мартъийыйæ
Нино Бурджанадзе

(райг. 1964)
23 ноябры 200325 январы 2004Парламенты сæрдар уæвгæйæ президенты хæстæ æххæст кодта æвзæрстыты онг
3Михаил Саакашвили

(райг. 1967)
25 январы 200425 ноября 2007
Нино Бурджанадзе

(райг. 1964)
25 ноября 200720 январы 2008Парламенты сæрдар уæвгæйæ президенты хæстæ æххæст кодта æвзæрстыты онг
3Михаил Саакашвили

(райг. 1967)
20 январы 200817 ноябры 2013
4Георгий Маргвелашвили

(райг. 1969)
17 ноябры 201316 декабры 2018
5Саломе Зурабишвили

(райг. 1952)
16 декабры 2018Ныры онг

Фиппаинæгтæ

Æддаг æрмæг