Кочысаты Розæ

Кочысаты Псийы чызг Розæ (райгуырдис 1888-æм азы 12 майы, Ольгинскæйы — амардис 1910-æм азы) уыдис фыццаг ирон сылгоймаг драматург.

Кочысаты Розæ
Райгуырды датæ1888-æм азы 12 майы(1888-05-12)
Райгуырæны бынат
Мæлæты бон1910
Æмбæстонад (дæлхицауад)
Архайды хуызфыссæг
Уацмысты æвзагирон

Цардафыст

Розæ каст фæцис йæ райгуырæн хъæуы аргъуаны цур дыууæкъласон скъола, уый фæстæ ахуыр кодта сылгоймæгты аздоны (уырыс. приют) Дзæуджыхъæуы. 1901-æм азы цæрынмæ ацыдис, йæ афицер æфсымæр службæ кæм кодта, уыцы Ташкентмæ. Уым чызг бацыдис сылгоймæгты гимназы æртыккаг къласмæ. 1904-æм азы Кочысон сыздæхтис Дзæуджыхъæумæ.

1907-æм азы Розæ мой скодта æмæ фыццаг цардис Лабæйы, стæй та Алагиры æмæ Æрыдоны. Куыста ахуыргæнæгæй Алагиры, Æрыдоны. Амардис 1910 азы.

Сфæлдыстад

Æдæппæтæй Розæ ныффыста æртæ пьесæйы. Уыдонæй тæккæ популярондæр у дыууæактон комеди «Гæды лæг, кæнæ нæ пъырыстыф сæрра». Ацы ныффыстæуыд 1905-æм азы, фыццаг хатт та мыхуыргонд æрцыдис 1907-æм азы журнал «Зонд»-ы. Пьесæ фыст уыдис, «Зæронд ус æмæ лæджы аргъау», зæгъгæ, уыцы ирон аргъауы мотивмæ гæсгæ.