Роттердам
Роттерда́м (нидерл. Rotterdam [ˌrɔtərˈdɑm]) у Нидерландты дыккаг стырдæр сахар. Цæрынц дзы 600 мин адæймаджы бæрц (2007), йæ алфамбылай цæрæнрæттимæ — 1,1 милуан. Сахар лæууы цалдæр цæугæдæттæ æмæ каналты былтыл, уыдонæй стырдæр у цæугæдон Маас — Европæйы ахсджиаг доны траспорты фæндаг.
Сахар | |
Роттердам | |
---|---|
нидерл. Rotterdam | |
51°55′51″ с. ш. 4°28′45″ в. д.HGЯO | |
Паддзахад | Нидерландтæ |
Провинци | Хуссар Голланди |
Истори æмæ географи | |
Фæзуат |
|
Сахатон таг | UTC+1:00, сæрды UTC+2:00 |
Цæрджытæ | |
Цæрджытæ |
|
Цифрон идентификатортæ | |
Телефонон код | +31 10 |
Посты индекс | 3000–3089 |
rotterdam.nl(нид.) | |
Викикъæбицы медиа |
Уый у стыр транспортон, æфсæнвæндагон æлхынцъ æмæ порт. Роттердамы порт у Европæйы тæккæ стырдæр, 2004-æм азы онг уый уыдис дунейы стырдæр (уæргъты бæрцуатмæ гæсгæ).
Истори
Фашистты æфсад Нидерландтæм бырсын байдыдта 1940-æм азы майы. Нидерландаг æфсад карзæй хъахъхъæдта Роттердамы сахар. Уыцы ныхмæлæуд ныссæндынæн немыц æркалдтой бомбæтæ Роттердамыл, уый уыд 1940-æм азы 14 майы. Сахар егъау зиан баййæфта: 24 мин амæддзæгтæ хæлд æрцыдысты 15 минуты дæргъы. 800 адæймаджы бæрц дзыхъмард фесты, 80 минæй фылдæр систы æнæхæдзар, Роттердамы зæронд центр хæлддзаг фестадис.
Уыцы цау у сахары историйы зынгæдæр трагеди. Роттердамы центры лæууы мысæн мæсыг, уый мидæг æвæрд дзæнгæрæг алы бон дæр цæгъды бомбакæлæн 1940-æм азы куы райдыдта, уыцы иу рæстæг.
Этникон сконд
Роттердамы цæрджыты æрдæгæй фылдæр сты эмигранттæ — сæ фылдæр Суринам, Турк æмæ Æввахс Скæсæнæй. Роттердамы бургомистр (мэр) сси Ахмед Абуталеб — Ныгуылæн Европæйы фыццаг мэр, Европæйы æдде чи райгуырд æмæ йæ динмæ гæсгæ пысылмон чи у, ахæм. Абуталеб райгуырдис 1961-æм азы Мароккойы, æхсæрдæс азы йыл куы цыди, уæд йæ ныййæрджытæ йæ семæ райстой Нидерландтæм.
Æхсæнадæмон организацитæ
Роттердамы у Æппæтдунеон эсперантойы ассоциацийы сæйраг къантор (эспер. Centra Oficejo de UEA).