Цæгат Ирыстон

Цæгат Ирыстон, дыгур. Цæгат Иристон (официалон ном у Республикæ Цæгат Ирыстон — Алани; уырыссагау Республика Северная Осетия — Алания) у Уæрæсейы республикæ, Кæсæг-Балхъар, Цæцæн, Мæхъхъæл æмæ Стъараполы крайы ’хсæн. Цæгат Ирыстоны сæйраг сахар у Дзæуджыхъæу.

Уæрæсейы Федерацийы субъект
Республикæ Цæгат Ирыстон — Алани
Республикæ Цæгат Иристон — Алани
уырыс. Республика Северная Осетия — Алания
43°11′ с. ш. 44°14′ в. д.HGЯO
ПаддзахадУæрæсе Уæрæсе
Сæйраг сахарДзæуджыхъæу
СæргълæууæгСергей Меняйло
Истори æмæ географи
Бындурæвæрды датæ1993-æм азы 9 ноябры
Фæзуат
  • 7987 км²
Сахатон тагMSK (UTC+3)
Стырдæр сахартæДзæуджыхъæу, Мæздæг, Беслæн
Цæрджытæ
Цæрджытæ680 748[1] ад. (2023)
Официалон æвзæгтæирон, уырыссаг
Цифрон идентификатортæ
Код ISO 3166-2RU-SE
Автомобилон код15
Официалон сайт
Республикæ Цæгат Ирыстон — Алани Республикæ Цæгат Иристон — Алани картæйыл
Республикæ Цæгат Ирыстон — Алани Республикæ Цæгат Иристон — Алани картæйыл
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Республикæйы Сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг у Сергей Меняйло.

Этимологи

Ирыстоны ном арæзт у Ирон адæмы æмбырдгæнæн ном æмæ фæсæфтуан -стон-æй, æмæ нысан кæны Иры бæстæ, ома ирон адæмы бæстæ. Ир-æн арынц цалдæр равзæрæны. Бирæ иртасджытæ дзурынц æмæ Ир рацыдис рагон ирайнаг arya æмæ aryana-йæ.[2][3][4] Фæлæ Абайты Васойы хъуыдымæ гæсгæ кавказаг субстратæй ист у[5]. -стон та у бæстæамонæн фæстæфтуан, æмæ цæуы рагон индоевропæйаг уидаг *stā--йæ, кæцы нысан кодта «лæууын».

Истори

Цалдæр хатты ирон адæм хæцыдысты уæрæсейаг æфсадимæ Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны XIX æнусы фыццаг хай. Уæддæр официалон уæрæсейаг историографимæ гæсгæ бирæтæ нымайынц, Ирыстон Уæрæсейы скондмæ кæй бацыдис барвæндæй. Владикавказ (иронау Дзæуджыхъæу) уыдис фыццаг Уæрæсейы фидарты ’хсæн Цæгат Кавказы.

1921-æм азы Ирыстон сси Хохаг советон республикæйы хай. 1936-æм азы Цæгат Ирыстон сси Цæгат Ирыстоны Автономон Советон Социалистон Республикæ (ЦИ АССР).

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты афон Цæгат Ирыстоны фылдæр хай уыдис оккупацийы. Фашисттæ пырхгонд æрцыдысты Дзæуджыхъæумæ хæстæг.

Географи

Административон дих

Цæгат Ирыстон дих кæны 8 районыл æмæ республикæйы дæлбарады сахар (Дзæуджыхъæу).

РайонАдминистративон центрЦæрджыты нымæцФæзуат, мин км²
Алагиры районсахар Алагир38 381[1]2,01
Æрæфы районхъæу Цыкола15 607[1]1,37
Æрыдоны районсахар Æрыдон31 288[1]0,36
Горæтгæроны районхъæу Октябрыхъæу101 234[1]1,46
Дыгуры районсахар Дигорæ18 505[1]0,64
Кировы районхъæу Елхот27 907[1]0,36
Мæздæджы районсахар Мæздæг82 698[1]1,08
Рахизфарсы районсахар Беслæн55 510[1]0,38

Цæгат Ирыстоны цæрæнуæттæ

Цæгат Ирыстоны ис 6 сахары, 7 посёлочы, 94 хъæууон администрацийы, 209 хъæуы (уыдонæй 26 æдзæрæгтæ).

Æдæппæт цæрджыты нымæц у 710 275 адæймаджы, уыдонæй 464 875 цæрынц сахарты.

Фондз мин адæймагæй фылдæр кæм цæрынц, ахæм цæрæнуæттæ
2013-æм азы уавæрмæ гæсгæ
Дзæуджыхъæу 308,3 (2013) Октябрыхъæу 10,2 (2013)
Мæздæг 39,2 (2013) Михайловскæй 9,2 (2010)
Беслæн 37,0 (2013) Черменыхъæу 8,5 (2013)
Алагир 20,6 (2013) Æрхонкæ 8,3 (2013)
Æрыдон 19,1 (2013) Джызæл 7,9 (2013)
Заводы посёлок 16,7 (2013) Камбилеевкæ 7,2 (2013)
Елхот 12,6 (2013) Цыкола 6,9 (2013)
Сунжæ 11,8 (2013) Змейкæ 6,8 (2013)
Ногир 11,7 (2013) Майскæй 6,9 (2013)
Хъызлар 11,1 (2013) Павлодольскæй 5,4 (2010)
Дигорæ 10,5 (2013) Луковскæй 5,3 (2013)

Цæрджытæ

Цæрджыты нымæц
1926[6]1937[6]1941[7]1944[7]1959[8]1970[9]1979[10]
226 033309 071496 700413 800450 581552 581596 921
1987[11]1989[12]1990[13]1991[13]1992[13]1993[13]1994[13]
619 000634 009646 348652 114705 019661 783661 144
1995[13]1996[13]1997[13]1998[13]1999[13]2000[13]2001[13]
670 701677 237681 778681 150684 130693 564704 351
2002[14]2003[13]2004[13]2005[13]2006[13]2007[13]2008[13]
710 275709 671706 989704 394702 338701 444702 456
2009[13]2010[15]2011[13]2012[16]2013[17]2014[18]2015[19]
701 807712 980712 481709 032706 123703 977705 270
2016[20]2017[21]2018[22]2019[23]2020[24]2021[25]2022[26]
703 745703 262701 765699 253696 837687 357685 393
2023[1]
680 748

2021-æм сфыстмæ гæсгæ ирæттæ сты 68,1% Республикæйы цæрджытæй. Цæрынц дзы уырыс (18,9%), мæхъхъæл (3,8%), хъумыхъхъ (2,8%), сомих (1,8%), гуырдзы (1,0%) æмæ чи 1% цæрджытæй къаддæр сты, ахæм къордтæ.

Адæм1897 сфыст1926 сфыст11939 сфыст1959 сфыст1970 сфыст1979 сфыст1989 сфыст2002 сфыст2010 сфыст2021 сфыст2
Нымæц%Нымæц%Нымæц%Нымæц%Нымæц%Нымæц%Нымæц%Нымæц%Нымæц%Нымæц%
Ирæттæ8826565,4%14172349,6%16561650,3%21546347,8%26932648,7%29902250,5%33487653,0%44531062,7%45968865,1%43994968,1%
Уырыссæгтæ3120523,1%6819223,8%12261437,2%17865439,6%20236736,6%20069233,9%18915929,9%16473423,2%14709020,8%12224018,9%
Махъхъæлæттæ7330,5%238518,3%61061,9%60711,3%183873,3%236634,0%327835,2%214423,0%283364,0%242853,8%
Хъуымыхъхъæгтæ1600,1%31531,1%850,0%39210,9%63631,2%76101,3%94781,5%126591,8%160922,3%180542,8%
Сомихæгтæ20931,6%91853,2%89322,7%120122,7%133552,4%129122,2%136192,2%171472,4%162352,3%116681,8%
Гуырдзийæгтæ39412,9%60572,1%63121,9%81601,8%103231,9%113471,9%122841,9%108031,5%90951,3%67561,0%
Украинæгтæ14391,1%191016,7%70632,1%93622,1%92501,7%105741,8%100881,6%51980,7%32510,4%9250,1%
Иннæтæ71115,3%146905,1%124773,8%169383,8%232104,2%261824,4%301414,8%329824,6%266363,8%224183,5%
Хатцæгæй134947285952329205450981552581592002632428710275712980687357
1 1926-æм сфысты фæстиуджытæ баст сты ныры зæххимæ, цы у Цæгат Ирыстон АБ (Автономон бæсты), с. Дзæуджыхъæу æмæ цы зæххытæ æмбуар сты, уыцытæй иугонд.

2 41 062 удгоймаджы сæ нациад нæ загътой.[27]

Ахуырад

Национ ахуырад

Ирыстоны ахуырады истори ног заманты райдыдта Мæздæджы ирон скъолайæ. Уыцы скъола байгом императоры барамындмæ гæсгæ 1764 азы 21 сентябры æмæ фæкуыста XVII æнусы 90-æм азты онг. Ирон скъолайы байгомыл ныхас райдыдта, Ирыстон Уæрæсеимæ баиу кæныны тыххæй тæрхæттæ куы цыди, уæд — 1749–1752 азты Бетъырбухы. Ирон сабиты ахуырыл бафтауын фæлвæрдтой Ирыстоны дины хъуыддæгтæгæнæг къамисы уæнгтæ, Мæздæджы скъола байгом кæныны размæ дæр[28].

Литературæйы æвдисæнтæ куыд дзурынц, афтæмæй Мæздæджы скъола ирон адæмы культурон царды сахадыдта куыд ахсджиаг фæрæз национ рухсад рæзыны æмæ национ фыссынады равзæрды хъуыддæгты. Мæздæджы скъолайы ахуыр ирон æвзагыл кæй цыд, уый фæахъаз ирон абетæ саразынæн. Мæздæджы алчер Гай æмæ сауджын Павел Генцауров (Хъесаты) сарæзтой ирон фыссынады системæ аргъуанты славяйнаг графикæйы бындурыл. Фыццаг ирон чиныг — цыбыр катехизис — джиппы уагъд æрцыди 1798 азы.

Кæс сæрмагонд статья Ирон национ ахуырад.

Галерей

Кæс ноджы

Фиппаинæгтæ