Википеди:Стилы разамынд

Википедийы стилы разамынд (цыбырæй СР) у Википедийы статьятæ цы стилы хъуамæ фыст уой, уый разамынд.

Статьяйы сæргæндтæ

Æвзаджы варианттæ

Аббревиатурæтæ

Аббревиатурæйы фыццаг фæзынд
  • Аббрæвиатурæйæ кæд дæ фæнды спайда кæнын, уæд уал йæ фыццаг фæзынды раз ныффысс, цы нысан кæны, æмæ йæ фæстæ къæлæтты — аббревиатурæ. Дарддæр дæ бон у фыссын æрмæст аббревиатурæтæ.
РастГуырдзыстоны Советон Социалистон Республикæ (ГССР) уыдис Советон Цæдисы рæспубликæтæй сæ иу. ГССР ахицæн ис Советтон Цæдисæй 1990-æм азы
РæдыдГССР уыдис Советон Цæдисы рæспубликæтæй сæ иу. ГССР ахицæн ис Советон Цæдисæй 1990-æм азы
Аббревиатурæйы формæ
  • Аббревиатурæ бирæон нымæцы кæнæ исты хауæны куы æвæрай, уæд æм бафтау дефис (-) æмæ фæсæфтуан -тæ, кæд æй бирæон нымæцы æвæрыс, кæнæ хауæны фæсæфтуан.
РастРæдыдРæдыд
АБВ-тæАБВтæАБВ'тæ
Нæуæг аббревиатурæтæ ма мыс
  • Дæхи хиз нæуæг аббревиатурæтæ мысынæй. Зæгъæм Дунеон Боксы Ассоциаци хорз у World Boxing Association-ы тæлмацæй, фæлæ ДБА у рæдыд æмæ йæ макуы фысс. Пайда кæн официалон аббревиатурæйæ, WBA.
HTML элемент
  • Википеди уадзы архайын ахæм HTML элементæй куыд <abbr>. Уымæй дæ бон у, аббревиатурæ чи уыны, уымæн баххуыс кæнын. Зæгъæм, ахæм код <abbr title="Америчъы Иугонд Штаттæ">АИШ</abbr> равдисдзæнис АИШ. Мыст фысты сæрмæ куы бауадзай, уæд дын аббревиатурæйы нысаниуæг бацамондзæнис. Уыимæ ма фен шаблон {{Ома}}.

Пунктуаци

Цыбыргæндты фæстæ

Цыбыргæндты фæстæ æвæр стъæлф.

РастРæдыд
уырыс.уырыс

Кæд цыбыргонд хъуыдыйады кæрон ис, уæд йæ фæстæ æвæрынц æрмæстдæр иу стъæлф.

Раст...урс, цъæх æмæ æнд.
Рæдыд...урс, цъæх æмæ æнд..

Нымæцонтæ

  • Нымæцтæ æдзух фысс стандартон «араббаг» цифрæтæй. Æрмæстдæр æнустæ æмæ фембæлдтытæ (съездтæ, олимпаг хъæзтытæ æмæ а. д.) нысангонд цæуынц ромаг цифрæтæй:
РастРæдыдРæдыд
XIX æнусы райдиан,
СЦКП-йы XXVI съезд
19-æм æнусы райдиан,
СЦКП-йы 26-æм съезд
19 æнусы райдиан,
СЦКП-йы 26 съезд
  • Текстты мидæг чысылдæр нымæцтæ (дæс æмæ къаддæр) фыссынц дамгъæтæй:
РастРæдыд
зилгæйаг æртæ лæппуйызилгæйаг 3 лæппуйы

Цыбыргæндтæ

Ныхас цыбыр кæнын хъæуы арæхсгай. Фылдæр ницы пайда у. Фæлæ вæййынц ахæм уавæртæ, кæдоны, ныхас хъæуы фæцыбыр кæнын. Уыцы уавæртæ сты:

  • Ныхас литературæйы фылдæр цыбырæй фыст цæуы. Зæгъæм, литературæйы, ныхас æмæ æндæртæ ранымады фæстæ афтæ дæр фыстынц: æмæ æнд. кæнæ æ.æ.

Цитатæтæ

Æрбайсгæ дзырдты растфыссынад