Дон (цæугæдон)

Дон (бердзенæгтæм Гиргис, Танаис, рагон грекъ. Τάναις, лат. Tanais, Æстæуккаг æнусты Стыр Дон, рагзаманы кыпчакаг адаммæ Тен) — Уæрæсейы Европæйы хайы хуссары цæугæдон, æфты Азовы денджызмæ. Европæйы мидаг бассейны фæзуатмæ гæсгæ ахсы фæндзæм бынат Волгæ, Днепр, Дунай æмæ Камæйы цæугæдæтты фæстæ. Йæ дæргъ у — 1870 км.

Дон
Кæм кæлыУæрæсе
ГуырæнУрванкæйы чысыл цæугæдон Тулæйы облæсты
ДонæфтæнАзовы денджызы Таганроджы бакæлæн
Дæргъ1870 км
Бассейны фæзуат422 000 км²
Гуырæны бæрзæнд180 м
Донæфтæны бæрзæндм
Доны хардз900 м³/с

Галерей