Маслоу, Абрахам Харольд

А́брахам Масло́у[7] (англ. Abraham Maslow [ˈmæzloʊ]; райгуырдис 1908-æм азы 1 апрелы(19080401), Нью-Йорчы — амардис 1970-æм азы 8 июны, Менло-Парчы, Калифорни) у зындгонд америкаг психолог, гуманистон психологийы бындурæвæрæг. Хъуыстгонд сси «Маслоуы пирамидæ» — адæймаджы цы хъæуы, уый æвдисæг иерархион диаграммæ.

Абрахам Харольд Маслоу
англ. Abraham Maslow
Райгуырды датæ1908-æм азы 1 апрелы(1908-04-01)[1][2][3][…]
Райгуырæны бынат
Мæлæты датæ1970-æм азы 8 июны(1970-06-08)[1][2][3][…] (62 азы)
Мæлæты бынат
Бæстæ
Зонады къабазпсихологи æмæ гуманистон психологи[d]
Куысты бынат
Альма-матер
Ахуырадон къæпхæнаивæдты бакалавр[d][6] (2059), аивæдты магистр[d][6] (1931) æмæ философийы доктор[d][6] (1934)
Зонадон разамонæгГарри Фредерик Харлоу[d]
АхуыргæнинæгтæSteve Andreas[d]
Хорзæхтæ æмæ премитæ
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Маслоу уыдис авд сывæллæтты хистæр, райгуырдис Бруклины, дзуттаг бинонтæм. Йæ ныййарджытæ, Самуил Маслов æмæ Розæ Шиловска, ралыгъдысты АИШ-мæ Киевы губернæйæ XX æнусы райдианы.[8] Лæппуйæн фараст азы куы сæххæст, бинонтæ ралыгъдысты дзуттаг сыхæй сахары æндæр районмæ — уæд уый базыдта, антисемитизм цы у, уый. Рæзыдис куыд æфсæрмыгæнæг, нæууæндæг лæппу[9].

Маслоу хорз ахуыр кодта скъолайы æмæ 1926-æм азы йæ къухы бафтыд юридикон колледжмæ бацæуын, йæ фыды фæндиаг. Фæлæ афæдз куы нæма фæци, йæ фæндон раивта æмæ психологимæ йæ цæст æрдардта.

1928-æм азæй Маслоу ахуыр кодта Висконсины университеты, йæ зонадон амонæг дзы уыдис Гарри Харлоу, маймулитæ иртасæг. Уыцы иу аз ус ракуырдта, йæ бинойнаг сси йæ хæстæджытæй чызг Бертæ, кæцыйы уарзта 12-аздзыдæй.

1934-æм азы кусын байдыдта Колумбийы университеты куыд Эдвард Торндайкы ассистент.

1960-æм азты Маслоу сси зындгонд, 1967-æм азы та йæ равзæрстой Америкæйаг психологон ассоциацийы сæрдарæй — йæхæдæг дæр ууыл дис кодта[9].

Литературæ

  • Маслоу А. Мотивация и личность. — СПб.: Питер, 2008
  • Шульц Д. П., Шульц С. Э. История современной психологии. — СПб.: Евразия, 2003.

Фиппаинæгтæ