Самачабло

Самачабло (гуырдз. სამაჩაბლო, oма «Мачабелиты зæхх») — президент Гамсахурдиайы хъæппæрисæй Республикæ Хуссар Ирыстон гуырдзиагay цы номæй хонынц, ахæм астæуккаг заманы бынаты ном.

Саакашвили Гуырдзыстоны президент куы сси, уæдæй фæстæмæ гуырдзиаг хицауад арæхдæр пайда кодта Цхинвалы регион, зæгъгæ, ахæм номæй. Куыддæриддæр уа, Гуырдзыстоны административон картæйыл Хуссар Ирыстонæн бынат нæй, æмæ уыцы бæстæйы закъæттæм гæсгæ РХИ-ы фылдæр хай хъуамæ хауа Мидæггаг Картлийы мхаремæ, йæ административон центр Гуры, афтæмæй. Цæгат Ирыстон та, сæ хъуыдымæ гæсгæ, хъуамæ хуыйна æнæуи Ирыстон — цæмæй Хуссар Ирыстоны уæвынад ма бамбæрын кæна йæ номæй[1].

Хуссар Ирыстоны афтæ хуыйнæг Самачабло ныллæггæнæг номыл нымайынц[2][3].

Фиппаинæгтæ