Сау мæлæт

«Сау мæлæт» — бубонон емынæйы пандеми, Европæйы уыд 13471351 азты.

Фæстаг иртæстытæм гæсгæ цыппар азы дæргъы Европæйы цæрджытæй амард 45—50%. Хуссайраг районты та — 75—80%[1]. Мысыры цæрджытæй амардысты 40%[2]. Æдæппæт дунейы цæрджытæй амард 75 милуаны.

Адæм æбуалгъ рыны аххосæгтæ нæ зыдтой æмæ алыхуызон мæнг теоритæ-иу æрымысыдысты. Уыцы теоритæй иу уыд дзуттаг бадзырды тыххæй, ома дзуттæгтæ, дам, цъайтæ смаргджын кодтой. Уыцы зылынгондæй амардтой мингай дзуттæгты, æппæты фылдæр Германы (фæлæ ма Испани æмæ Францы дæр)[3].


Фиппаинæгтæ