Согъдаг æвзаг

(Согдиаг æвзаг-æй æрвыст)

Согъдаг æвзаг у, рагон Согъды цæрджытæ кæуыл дзырдтой, уыцы æвзаг. Согъдаг æвзаджы нырыккон вариант хонынц ягънобаг æвзаг, дзурынц ыл чысыл адæмы хатт (ягънобаг адæм) абоны Таджикистаны.

Согъдаг æвзаг
БæстæтæСогъд, рагон паддзахад нырыккон Таджикистан æмæ Узбекистаны зæххыл
Æдæппæт дзурджыты нымæц
  • 0 ад.
Статусмард æвзаг
СыскъуыдиIX æнусы; йæ фæдон у ягънобаг æвзаг
Классификаци
КатегориЕвразийы æвзæгтæ

Индоевропæйаг æвзæгтæ

Ирайнаг æвзæгтæ
Скæсæйнаг ирайнаг æвзæгтæ
Цæгат-скæсæйнаг къорд
Фыссынадсогъдаг фыссынад
Æвзаджы кодтæ
ISO 639-1
ISO 639-2sog
ISO 639-3sog
ГОСТ 7.75–97сог 613
IETFsog
Glottologsogd1245

Согъдаг æмæ ягънобаг сты скæсæйнаг ирайнаг æвзæгтæ æмæ генеологион æгъдауæй сты ирон æвзагæн тæккæ хæстæгдæр æвзæгтæ.

Согъдаг æвзаг иртасынмæ стыр бавæрд бахæстой советон æмæ уæрæсейаг ахуыргæндтæ, уæлдайдæр Александр Фрейман æмæ Владимир Лившиц[1].

Фиппаинæгтæ