Сомоса Дебайле, Анастасио

Анастасио Сомоса Дебайле (исп. Anastasio Somoza Debayle; райгуырдис 1925-æм азы 5 декабры — амардтой йæ 1980-æм азы 17 сентябры) уыд Никарагуæйы 44-æм æмæ 45-æм президент. Куыд Национ гвардийы къамандыгæнæг, уый уыд бæстæйы сæргъы 1967 азæй 1979 азы онг. Анастасио Сомоса Дебайле уыд Сомосаты мыггаджы фæстаг минæвар, уыцы мыггаг Никарагуæйы æлдариуæг кодта 1936-æм азæй.

Анастасио Сомоса Дебайле
исп. Anastasio Somoza Debayle
1974-æм азы 1 декабры — 1979-æм азы 17 июлы
Раздæр чи уыдLiberal-Conservative Junta[d]
ФæстæдæрФрансиско Уркуйо[d]
1967-æм азы 1 майы — 1972-æм азы 1 майы
Райгуырдис1925-æм азы 5 декабры(1925-12-05)[1][2][3][…]
Амардис1980-æм азы 17 сентябры(1980-09-17)[1][2][3][…] (54 азы)
Ныгæныны бынат
МыггагСомоса
ФыдСомоса Гарсиа, Анастасио[d]
МадSalvadora Debayle[d]
ÆмкъайХоуп Портокарреро
СывæллæттæСомоса Портокарреро
Парти
Ахуырад
Хорзæхтæ
Большой крест ордена «За заслуги перед Федеративной Республикой Германия» Большой крест ордена Изабеллы Католической Большая цепь ордена Инфанта дона Энрике
Хуындадинæлар
Тохтæ
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Йæ фыд æмæ йе ’фсымæры хуызæн, Анастасио Сомоса хицауиуæг кодта АИШ-ы экономикон æмæ хæстон æххуысыл æнцæйгæ. Йæ гвардийы уыд 12 мин хæстоны. Историмæ бацыд куыд дунейы тугдзыхдæр диктатортæй иу, æрмæст йæ репресситæй амардысты 180 мин адæймаджы бæрц[4], уыимæ ма мингай адæм амардысты низтæ æмæ стонгæй.

Афæлдæхт

1978 азы Никарагуæйы ссыгъди хицауады ныхмæ сыстад. Сомоса АИШ-мæ лæгъстæ кодта, цæмæй æрбарвитой ын йе ’фсæд, фæлæ АИШ йæ ныуагъта иунæгæй. 1979 азы 17 июлы сæумæраджы Анастасио Сомоса æрæмбырд кодта йæ фыд æмæ йе ’фсымары марды чырынтæ, æрмæджы æхца æмæ хæзнатæ, йæ хæстæджыты — æмæ йæхи хæдтæхæгæй атахт АИШ-мæ.

Мæлæт

Сандинистты революци куы фæуæлахиз, уæд Сомоса сусæгæй афтыд Парагваймæ, уымы диктор Альфредо Стресснермæ. Уыцы ран бирæ нæ фæцарди — сандисттæ йæ ссæрдтой æмæ амардтой Парагвайы сæйраг сахар Асунсьоны уынгтæй иуы 1980 азы 17 сентябры. Фыццаг йæ хæдтулгæ базукæйæ фехстой, стæй хæстæгдæр бацыдысты æмæ автоматтæй фехстой Сомосайы. Балæбурджытæй иу дзыхъмард фæци, æндæртæ фæтары сты. 2001 азы куыд рабæрæг, Сомосайы амардтой сандистты тæрхонмæ гæсгæ Аргентинæйы Адæмы Революцион Армийы уæнгтæ, сæ сæргъы уыд Энрике Горриаран Мерло.

Кæс

  • Анастасио Сомоса Гарсиæ, йæ фыд, Никарагуæйы диктатор (19361956).
  • Луис Сомоса Дебайле, йæ хистæр æфсымар, Никарагуæйы диктатор (1956-1963/1967).

Фиппаинæгтæ