Чаренц, Егише

Егише́ (Елисей) Чаре́нц (сом. Եղիշե Չարենց, æцæг ном — Егише́ Согомоня́н Абгары фырт; райгуырдис 1897-æм азы Хъарсы, Уæрæсейы империйы (ныры Турчы) — амардис 1937-æм азы 27 ноябры Ереваны) — сомихаг поэт, прозаик æмæ тæлмацгæнæг, сомихаг литературæйы классик. «Æртæйы декларацийы» автортæй сæ иу.

Егише Чаренц
сом. Եղիշե Չարենց
Гуырæн номсом. Եղիշե Աբգարի Սողոմոնյան
Райгуырды датæ13 (25) мартъийы 1897
Райгуырæны бынат
Мæлæты бон1937-æм азы 27 ноябры(1937-11-27)[1] (40 азы)
Мæлæты бынат
Æмбæстонад (дæлхицауад)
Архайды хуызтæлмацгæнæг, поэт, прозаик, фыссæг
Жанрæмдзæвгæ[d] æмæ таурæгъон поэзи[d]
Уацмысты æвзагсомихаг[2]
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Царафыст

Райгуырд базаргæнæджы бинонты.

  • 1908 — бацыд Хъарсы реалон училищемæ.
  • Фæззæг 1916 — араст ис Мæскуымæ æмæ бацыд А.Л. Шанявскийы номыл Адæмон университетмæ.
  • Феврал 1917 — университеты студенттимæ райста хайад политикон ахстæтты сæрибаркæнынады Бутырски ахæстонæй.
  • 1918 — бацыд Сырх æфсадмæ.
  • 1919 — раздæхтис Ереванмæ æмæ цыдæр рæстæг куыста ахуыргæнæгæй.
  • 1920 — райста хайад коммунистты растады дашнакаг паддзахады ныхмæ майы. Азы кæронæй 1921-æм азы онг уыдис аивады хайады сæргълæууæг рухсады Наркоматы.
  • Ахуыр кодта литературон-нывгæнадон хайады фыццаг МГУ-йы.
  • 1925 — ног литературон организаци «Ноемберы» (Ноябрь) сæр.
  • 1934 — Сомихы ССР-ы делегат ССР-ы фыссæджыты фыццаг съезды.
  • 1936-æм сентябрь — НКВД СССР æй æрцахста æмæ йæ фæаххосджын кодта контрреволюцийы, национализмы, троцкизмы æмæ терроризмы.

Амардис 1937-æм азы 27 ноябры Ереваны ахæстон рынчындоны. Поэты ингæны бынад нырмæ дæр бæрæг нæу. Фæсмæрдон сси реабелитацигонд 1950-æм азты.

Бинонтæ

Йæ фыццаг бинойнаг Арпеник амард, сывæлæттæ сын нæ уыд. 1930-æм азы базонгæ ис Изабеллæ Нязоваимæ æмæ йæ ракуырдта иу азы фæстæ. 1932-æм æмæ 1935-æм æзты сын райгуырд дыууæ чызгы: Арпеник (йæ фыццаг бинойнаджы ном) æмæ Анаит. Арпеникæн райгуыр цалдæр фырты, Анаитæн та (кæцы сси литературовед) геолог Арамом Базянимæ райгуырд чызг Асмик, уый райста Чаренцы мыггаг, йæ мады фыды номыл.

Сфæлдыстад

Сатирикон роман «Наирийы бæстæ», поэмæ «Дантейы легендæйы» автор. Æмдзæвгæты йеддæмæ ма тæлмац кодта сомихаг æвзагмæ А. С. Пушкины, В. Маяковскийы, И. Гётейы, Э. Верхарны уацмыстæ, уымæй дарддæр ма æрмæджытæ стыр литературон архайджыты æмæ нырыккон поэзийы тыххæй.

Мысинаг

  • 1975-æм азы Ереваны (Маштоцы проспект, 17) бакодтой музей-хæдзар Егише Чаренцæн, йæ бинонтæ 1935-æм азы цы фатер райстой, уыцы ран.
  • Йæ номæй схуыдтой Сомихы сахар Разданы цæугæдоныл — Чаренцаван (1967-æм азы размæ — Лусаван).
  • Ереваны йын сывæрдтой дурныв, йæ номæй схуыдтой уынгтæ, скъола № 67, Литературæ æмæ аивады паддзахадон музей Сомихы.
  • Скъола № 12 Егише Чаренцы номыл Ванадзоры сахары.
  • Йæ портрет нывгонд у сомихаг купюрæйыл 1000 драм.
  • Йæ портрет нывгонд у юбилейон сомихаг 100 драмы 1997-æм азы.
  • Йæ номæй схуыдтой сомихаг коньячы сорт.

Литературæ

  • Сомихаг Советон Энциклопеди, Т. 8, ф. 670—671, Ереван, 1982(сом.)

Фиппаинæгтæ