Бонвæрнон

Бонвæрнон[1][2] (символ: ♀) у Хурæй дардмæ дыккæгæм планетæ Хуры системæйы. Æрвон буæрттæй Хур æмæ Мæйæ фæстæмæ Бонвæрнонæй тынгдæр ничи рухс кæны. Атмосферæйæн йæ ~96,5 % сты æвзалытуаг газ, азот — ~3,5 %.

Бонвæрноны къори

Бонвæрноны диаметр у 12092 км, йæ массæ у Зæххы массæйы 81,5%.

Нæмттæ

Æндæр нæмттæ: Боброн[2], Кæрдæджы стъалы[2], Сæууон стъалы[3], Райсомы стъалы. Æндæр дыгурон вариант: Бонвæрнæ.

Йæ рæсугъд хуызы тыххæй йæ схуыдтой Венерæ — афтæ хуынди ромаг мифологийы уарзондзинады æмæ рæсугъддзинады хуыцау.

Этимологи

Бонвæрнон = боны фарн + фæсæфтуан -он.[4]

Фиппаинæгтæ