Мангол

Мангол[1], Монголи дæр (манг. Монгол Улс) у паддзахад Азийы, Уæрæсе æмæ Китайы сыхаг.

  • Фæзуат: 1 565 000 км² (дунейы 18-æм).
  • Цæрджыты нымæц: 2 712 315 адæймаджы (2003-агæм азы).
Мангол
Монгол Улс
ТырысаГерб
ТырысаГерб
Девиз: «Даяар Монгол»
Хæдбар сси1911 азы 29 декабры Цинаг империйæ
Æвзагмангойлаг
Сæйраг сахарУлан-Батор
Стырдæр сахартæУлан-Батор, Эрдэнэт, Дархан
Хицауиуæджы хуызПарламентон республикæ
Президент
Премьер-министр
Халтмаагийн Баттулга
Ухнаагийн Хурэлсух
Фæзуат1 564 116 км²
Доны процент0,6
Цæрджытæ
• Бахыгъд (2006)
• Æнгомад

2 832 224 ад.
1,8 ад./км²
ÆМП
• Æдæппæт (2006)
• Иу адæймагмæ
дунейы 152-æм
5,781 млрд. $
2 000 $
ВалютæМанголы тугрик (MNT)
Интернет-домен.mn
Телефонон код+976
Сахатон таг+7 … +8

Манголы цæрджытæй сæ фылдæр цæрынц быдыры, хизынц фос. Уыцы бæстæйы бирæ сахартæ нæй (фен Манголы сахарты номхыгъд). Алы Манголы цæрæгæн хауы 12 стуры. Фосдарынады кусынц мангойлæгты 42%.

Истори

XIII æнусы Мангол уыдис дунейы историйы стырдæр империйæн йæ зæрдæ. Уыцы империйы бындур сæвæрдта мангойлаг адæмы иугæнæг Чингисхан.

Нырыккон Мангол, куыд хæдбар паддзахад, сæвзарди 1911-æм азы. Китай 1949-æм азы онг разы нæ уыд Манголы хæдбардзинадыл.

Административон дихдзинад

Манголы 22 провинцийы ис (провинци та мангойлагау у аймаг). Сæйраг сахар Улан-Батор у хицæн административон субъект.

Политикæ

Манголы ис цалдæр политикон партийы, уыдонæй тæккæ тыхджындæр сты Адæмон революцион парти æмæ Демократион парти.

Манголы президент у Халтмаагийн Баттулга, 2017-æм азы равзæрст[2].

Экономикæ

Манголы картæ
Æдзæрæгран Гоби

Экспорт

Æрхуы, молибдены концентрат, флюорит, кæсæмир, къуымбил, стуры царм сты сæйраг экспортон товартæ. Манголы ис æфсæнæрзæт æмæ дурæвзалыйы рæдзæгъдтæ, æндæр минералон ресурстæ.

2003 азы уавæрмæ гæсгæ сæйраг экспортон партнёртæ уыдысты: Китай — 46,7%, АИШ — 32%, Уæрæсе — 6,5%, Хуссар Корей — 5,1%.

Импорт

Нефтæй конд продукттæ, индустрион ифтонггæрзтæ, фæлхасгæнæн товартæ.

2003 азы уавæрмæ гæсгæ сæйраг импортон партнёртæ уыдысты:Уæрæсе — 33,9%, Китай — 19,8%, Хуссар Корей — 12,1%, Герман — 5,2%.

Транспорт

Авиаци

2004 азы уавæрмæ гæсгæ бæстæйы ис 36 аэропорты. Уыдонæй 11 аэропорттæн ис хъæбæр стæхæн таг.

Кусынц:

Манголы моладзандон

Фиппаинæгтæ