Марс (планетæ)

Марс (символ: ♂) (варианттæ: Балсафæг[1], Балдзæгъдæг[1][2]) у Хурæй дардмæ цыппæрæм планетæ Хуры системæйы. Тугау ын сырх хуыз кæй ис, уый тыххæй йыл рагон ромаг адæм сæвæрдтой хæсты хуыцау — Марсы ном.

Марс

Атмосферæйæн йæ 95,32 % сты æвзалытуаг газ, азот — 2,7 %, аргон — 1,6 %. Марсы диаметр у 6792,4 км, йæ массæ у Зæххы массæйы 10,7 %. Перигелийы уый баввахс вæййы Хурмæ 207 млн км, афелийы та адард вæййы 249 млн км.

Марсæн ис дыууæ æмбæлццоны — Фобос æмæ Деймос. Деймосы диаметр у æрмæст 13 км, Фобосæн та 23 км.


Викторийы кратеры панорамæ
Викторийы кратеры панорамæ


Марсы цъары панорамæ
Марсы цъары панорамæ


Æддаг æрмæг

Фиппаинæгтæ