Чабæ

Чабæ[2][3] кæнæ Каабæ (арабб. الكعبة‎‎ — «куб») — пысылмон кувынаккаг Меккæйы, Мæзджыт аль-Харамы мидæг. Пысылмон дины уырнындзинадмæ гæсгæ алы пысылмон лæг хъуамæ-иу йæ царды мидæг иу хатт хадз сарæза, ома Меккæ æмæ Чабæмæ рацæуа, æмæ афтæ йæ дин æмæ уырнындзинад сбæлвырд кæна.

Мæзджыт
Чабæ
арабб. الكعبة‎‎
21°25′21″ с. ш. 39°49′34″ в. д.HGЯO
БæстæСауды Арабб Сауды Арабб
РанМеккæ
ДинСуннизм
Бæрзæнд12,95 м[1]
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Чабæ у пысылмон динæн йæ ииуыл ахсджиагдæр бынат, пысылмæттæ йæ хонынц Bayt Allah (арабб. بَيْت ٱللَّٰه‎‎ — «Аллахы хæдзар») æмæ уыдонæн хъыбыллæ (арабб. قبلة‎‎ — «кувыны здæхт», ома ламаз кæныны рæстæджы кæцырдæм здæхынц, уый) у.

Фиппаинæгтæ