2021-æм азы декабрь

2021-æм азы 31 декабры
  • УæрæсеКубæ Уæрæсе Кубæмæ арвыста 22 тоннæйы гуманитарон æххуыс. Кубæйы медиктæ райсдзысты хъахъхъæнæг дарæс æмæ шприцтæ, æндæр дзауматы ’хсæн[1].
2021-æм азы 26 декабры
  • Уæрæсе Уфайæ Оренбургмæ фæндагыл æрцыдис авари 22 хæдтулгæйы хайадистæй. Иу адæймаг дзыхъмард фæцис, бирæтæ фæцæф сты[2].
2021-æм азы 25 декабры
2021-æм азы 21 декабры
  • Хуссар ИрыстонУæрæсе Ручъы тъунелы хуссарварс рацыд зӕй, миты бын фесты фондз уӕрӕсейаг ӕфсӕддоны. Уыдонæй дыууæйы фервæзын кодтой, æртæ фæмардысты[3].
2021-æм азы 20 декабры
  • Хуссар Ирыстон Транскам тæссаг у зæйтæ рацæуынæй, æмæ уый тыххæй æхгæд æрцыдис[4]. Хæххон районты ма уары мит.
2021-æм азы 19 декабры
Чилийы ног президент Г. Борич
2021-æм азы 18 декабры
  • Пакистан Пакистаны хуссары Карачийы сахары банчы мидæг срæмыгъди æрдзон газы æртæдзæн, æппынкъаддæр 14 адæймаджы фæмардысты[6].
2021-æм азы 17 декабры
  • Уæрæсе Уæрæсейы астæуккаг скъолаты хæрæндонты ’хсæн конкурсы уæлахизгæнджытæй иу сси Æрыдоны 1-æм скъолайы хæрæндон[7].
2021-æм азы 14 декабры
Еврозонæйы уæнгтæ
2021-æм азы 13 декабры
  • Уæрæсе Мæскуымæ ’ввахс фæндагыл цæугæйæ ссыгъди, Узбекистанæй рог хæдтулгæтæ чи ласта, ахæм уæзласæн машинæ. Ничи фæцæф, фæлæ æртæ хæдтулгæйы бынтон басыгъдысты.
  • СомихТурк Сомих æмæ Турчы ’хсæн тагъд рæстæджы хæдтæхджытæ тæхын райдайдзысты, — уый тыххæй фехъусын кодта къуырисæры Турчы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Чавушоглу. Бирæ азты дæргъы дыууæ паддзахады ’хсæн ницы бастдзинад уыдис[10].
2021-æм азы 12 декабры
2021-æм азы 11 декабры
  • Турк Турчы президент Реджеп Эрдоган загъта, социалон хызтæ, дам, демократийæн тынг тас сты, зæгъгæ, уый тыххæй æмæ дзы сайæн ныхæстæ парахат кæнынц[12][13].
2021-æм азы 10 декабры
Джулиан Асанж
  • Стыр Британи Лондоны апелляцион тæрхондон сразы и WikiLeaks-ы бындурæвæрæг Джулиан Ассанжы АИШ-мæ арвитыныл[14].
2021-æм азы 9 декабры
  • Цæгат Ирыстон Моргуаты Жаннæ баззади Цæгат Ирыстоны сæйраг æвзарæн къамисы сæргъы, йæ хæдивæгæй ма уыдзæн Хъуыдакаты Сосланбег. Сæ кандидатурæтæ сфидар кодтой сæйраг æвзарæн къамисы уæнгтæ[15]
  • Уæрæсе КАМАЗ йæхицæй радих кодта ног акционерон æхсæнад «Кама», кæцы рог хæдтулгæтæ электрон змæлынгæнæгимæ уадздзæн. 2024-æм азмæ Уæрæсейы куыстуæттæ афæдз араздзысты 25 мин электромобилы[16].
2021-æм азы 8 декабры
Олаф Шольц
  • Герман Олаф Шольц сси Германы ног канцлер Ангелæ Меркелы бæсты, Бундестаджы депутаттæй æртæ сæдæйæ фылдæр йæ кандидатурæйы ныхмæ уыдысты, афтæмæй[17].
  • ШвейцариАбхазГуырдзыстонХуссар Ирыстон Женевæйы ацыдис Фæскавказы æдасдзинады тыххæй дискусситы 55-æм зылд, ныхас дзы цыдис регионы сабырдзинад хъахъхъæнын æмæ Тырсыгомæй рацæуæг ирæтты бартæ нæ халыны тыххæй[18].
2021-æм азы 7 декабры
  • Уæрæсе Мæскуыйы бирæфункционалон центртæй иуы 45-аздзыд хæстон пенсиисæг йæ дамбацæйæ æхсын байдыдта, маскæ дæхиуыл скæн, зæгъгæ, уымæн куы загътой, уæд. Цыппар адæймаджы фæцæф, дыууæ фæмард сты. Æхсæджы бауырæдтой[19].
  • Уæрæсе Мæскуыйы метрополитены æмрæстæджы скусын кодтой дæс ног станцæйы[20].
2021-æм азы 6 декабры
2021-æм азы 5 декабры
  • Хуссар Ирыстон Цхинвалы цæрæг йæ къæбицы ссардта гранатæ Ф-1. Хуссар Ирыстоны æнæнхъæлæджы цауты министрады специалисттæ гранатæ сахары æдде срæмудзын кодтой[23].
  • Уæрæсе Айразмæ Хуссар Африкæйы Республикæйæ Мæскуымæ чи æрыздæхт, уыдоны ’хсæн фарастмæ тесттæ ног коронавирус рабæрæг кодтой[24].
2021-æм азы 4 декабры
Кени Зæххы къорийыл
  • Кени Æппынкъаддæр 21 адæймаджы фæмардысты центрон Кенийы — чындзæхсæвмæ цы автобусæй цыдысты, уый хидæй донмæ ныххауди[25].
  • Гуырдзыстон Гурмæ ’ввæхс Зегдулетийы хъæуы цæрæг зæхкусджытæ рæстæгмæ сæхгæдтой фæндаг — уымæй се ’нæразыдзинад равдыстой, сæ хизæнуæттæ фæсарæйнаг инвестормæ кæй уæй кæнынц, уый тыххæй.
2021-æм азы 3 декабры
  • Украинæ Киевы 1969-æм азы гуырд цæрæджы зæрдæмæ нæ фæцыдис, йæ фатеры цы цалцæг скодтой, уый, æмæ цалцæггæнæджы йæ ливорæй фехста. Цæф адæймаджы аластой рынчындонмæ, æхсæджы та — пъæлицæмæ[26].
  • Цæгат Ирыстон Дзæуджыхъæуы зынгсирвæзт 48-æм скъолайы, арт аххуысын кодтой, эвакуаци бахъуыд 510 сывæллоны.
2021-æм азы 1 декабры

Фиппаинæгтæ