Чанакья

Чанакья (санскр. चाणक्य IAST: Cāṇakya; цардис 370—283 азты нæ эрæйы агъоммæ), зындгонд у куыд Каутилья, Вишнугуптæ æмæ Ватсьяянæ дæр — уыд Индийы историйы зындгонддæр брахмантæй иу, æлдариуæггæнæг мыггаг Нандæйы дæрæн кæныны ахсджиаг архайæг. Уыд хинæйдзаг æмæ зондджын, дырыс политикон æнкъарæны хицау, абарынц æй-иу, 1800 азы фæстæдæр йæ куыстытæ чи фыста, уыцы философ Макиавеллиимæ. Чанакья фыста политикæйы тыххæй, хи дарын куыд хъæуы, уый тыххæй дæр, ныффыста дунейы фыццаг чиныг сæрмагонд службæты тыххæй[3].

Чанакья
Гуырæн номсанскр. Kauṭilya or Vishnu Gupta
корн. Kauṭilya
корн. Vishnu Gupta
Райгуырды датæ375 нæ э. а.
Райгуырæны бынат
Мæлæты бон283 нæ э. а.
Мæлæты бынат
Æмбæстонад (дæлхицауад)
Архайды хуызфыссæг, философ, экономист, ахуыргæнæг, астролог, уынаффæгæнæг, политик
Уацмысты æвзагсанскрит[1][2]
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Чанакья кæм райгуырдис, уый бæрæг нæу, уый тыххæй ис цалдæр теорийы. Иу текстмæ гæсгæ йæ райгуырды бынат у Таксилæ. Джайнаг къухфыстытæм гæсгæ та уый рацыд Хуссар Индийæ. Йæ фыды ном дæр иутæ зæгъынц Чанин уыди, иннæтæ та — Чанак (æмæ, дам, уый тыххæй йæ ном у Чанакья).

Чанакья ахуырад райста Таксилæйы, Индийы цæгат-ныгуылæны, ныртæккæ уый Пакистанмæ хауы. Фæстæдæр уый ахуыргæнæгæй куыста уыцы иу ран. Фæстæдæр уый сси троны бындар Биндусарæйы ахуыргæнæг æмæ æххуысгæнæг.

Иу легендæмæ гæсгæ Чанакья амардис йæхи фæндонæй, джунглимæ ацыдис æмæ ницы хордта, цалынмæ æххормæгæй нæ амардис, уæдмæ. Иннæ таурæгъмæ гæсгæ зæронд Чанакья базыдта, паддзах уымæ кæй рамæсты ис, уый — æмæ йæхи амардта.

Фиппаинæгтæ