Азербайджан

Азербайджа́н (азерб. Azərbaycan) у паддзахад Фæскавказы, Къаспы денджызы былгæрон, кæддæры Советон Цæдисы республикæ. Йæ сæйраг сахар у Баку. Кæд географийы цæстæнгасæй Фæскавказ Азимæ хауы, Азербайджан йæхи европæйаг паддзахадыл нымайы (Сомих æмæ Гуырдзыстоны дæр афтæ кæнынц).

Азербайджаны Республикæ
Azərbaycan Respublikası
Девиз: «Odlar Yurdu (Æртыты бæстæ)»
Гимн: «Azərbaycan Marşı!»
Официалон æвзагазербайджайнаг
Сæйраг сахарБаку
Стырдæр сахартæБаку, Гандза, Нахичевань
Хицауиуæджы хуызРеспубликæ
Территори
 • Æдæппæт86 600 км²
Цæрджытæ
 • Бахыгъд9 593 000 ад.
 • Æнгомад109 ад./км²
ÆМП
 • Æдæппæт (2011)94,318 млрд.[1] долл.
Валютæманат
Интернет-домен.az
Код ISOAZ
ÆОК-ы кодAZE
Телефонон код+994
Сахатон таг+4
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Уæрæсейы империйы фехæлды фæстæ Азербайджан сси пысылмон дунейы фыццаг паддзахад, кæцыйæн дин йæ бындурыл нæ уыд. Уый бацыд Сомих æмæ Гуырдзостонимæ цæдисон паддзахадмæ — Фæскавказы комиссариат, зæгъгæ — фæлæ дыууæ азы фæстæ республикæтæ ахицæн сты. Советон хицауад Фæскавказы куы ныффидар, азербайджайнаг зæххыты уыдысты Фæскавказы федеративон республикæйы сконды 1936-æм азы онг. 1936-æм азæй 1991-æм азы онг Азербайджан уыд фынддæс советон республикæйæ иу.

Азербайджан у Хæдбар Паддзахæдты Æмбалады уæнг 1993-æм азæй. Уый у Европæйы советы уæнг 2001-æм азæй[2]. Кæд бæстæйы уагдæттæ демократон хуызы сты, Азербайджан нымад у авторитарон паддзахадыл.

Цæрджытæ

Бæстæйы цæрджытæй фылдæр хай сты азербайджайнæгтæ (90 процентæй фылдæр), кæцытæ дзурынц азербайджайнаг æвзагыл. 2009-æм азы Азербайджаны цæрджыты сфыстмæ гæсгæ, бæстæйы цæрынц 8 922 447 адæймаджы[3], 2010-æм азмæ уыцы нымæц хъуамæ байрæзтаид 9 милуанмæ[4][5]. 2019-æм азы 6 апрелы Азербайджаны статистикæйы паддзахадон комитет фехъусын кодта, бæстæйы дæс милуанæм цæрæг кæй райгуырдис, уый тыххæй[6][7].

Сахарты цæрынц Азербайджаны цæрджытæй 52,8 %, хъæуты та — 47,2 %[8].

Азербайджаны уырнджыты фылдæр хай сты шиитаг пысылмæттæ.

Экономикæ

Лагич, туристтæ цы цæрæнрæттæ уарзынц, ахæмтæй иу

Азербайджаны паддзахадон валютæ хуыйны манат.

Азербайджан хъæздыг у нефты гуырæнтæй. Нефт канд къахгæ нæ кæнынц, фæлæ ма уымæй исынц æндæр буаргъæдтæ дæр бынæттон химион индустрийы фæрцы. Нефт ахсы Азербайджаны экспорты 60%, нефты продукттæ та — 24 %[9]. Къахынц ма сызгъæрин æмæ æрдзон газ дæр.

Азербайджаны хъæууон хæдзарад зæйын кæны бæмбæг, тамако, цай, алыхуызон дыргътæ.

Тагъд рæзы Азербайджаны туризмы къабаз дæр, коронавирусы пандемийы агъоммæ-иу бæстæмæ æрцыдысты милуанæй фылдæр туристтæ алы афæдз дæр[10][11].

Административон дих

Азербайджаны районтæ

Азербайджан дих кæны 66 районыл (азерб. rayonlar), 11 республикæйы дæлбарады сахарыл (азерб. şəhərlər) æмæ 1 автономон республикæйыл (азерб. muxtar respublika) — Нахичеваны Автономон Республикæ.

Республикæйы дæлбарады сахартæ

Фиппаинæгтæ