Бурхъусгалм
Бурхъусгалм кæнæ донгалм, хоргалм[1], дыгур. зæринсар[2], зæринсæр[3] (лат. Natrix Natrix, уырыс. Обыкновенный уж) у æнæмарг калм, æппæт Европæйы бирæ рæтты чи цæры, суанг Скандинавийы дæр.
Бурхъусгалм | ||||||||||||||
---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|
Зонадон классификаци | ||||||||||||||
| ||||||||||||||
Латинаг ном | ||||||||||||||
Natrix natrix (Linnaeus, 1758) Stejneger, 1907 | ||||||||||||||
Ареал | ||||||||||||||
|
Бурхъусгалмæн йæ ном сæвзæрдис, йæ «хъусты» цы бур стъæлфытæ сты, уыдон тыххæй. Йæ буар вæййы морæхуыз, цъæх кæнæ сау, буары дæллаг фарс ирддæр вæййы. Дæргъмæ вæййынц 120 сантиметры онг (айкæй куы райгуырынц, уæд æрмæст 18 сантиметры сты).
Бурхъусгалмытæ бирæ рæстæг æрвитынц доны, хæрынц хæфсытæ (стæм хатт кæсæгтæ æмæ мыстытæ дæр).
Ацы калм адæймагæн ницы зиан хæссы. Марг ын куы нæй, æмæ уый тыххæй йæхи хъахъхъæнынмæ тæрсын кæны: йæ сæр размæ æрбаппары, афтæмæй йæ дзыхх дæр гом нæ кæны.
Фиппаинæгтæ
🔥 Top keywords: Сæйраг фарсУæрæсейы Федерацийы социалон картæВикипеди:АфыстДыккаг дунеон хæстÆххуыс:МидисВикипеди:Ног хабæрттæСæрмагонд:ФæстагИвдтытæВикипеди:БæрнВикипедиВикипеди:Хъазуатон куыстВикипеди:НыхасКатегори:ÆппæтVk.comЧехиСæрмагонд:АгурынКатегори:Википеди:Викирардтæй йæ ратæдзæнтæ чи исы, ахæм уацтæАнглисаг æвзагЦæгат ИрыстонАмерикæйы Иугонд ШтаттæКоцойты АрсенХуызæг:Ирон мифологиБургундиПлиты ИссæГрадарæСтыр БританиПезаро æмæ УрбиноЧакобсаХуызæг:Cite webИндиБарастырÆрдзУæрæсеВикипеди:МинæварадДзылæуСомихХуызæг:Cite journalИлас ÆрнигонХуссар КорейДурæвзалы