Корейаг алфавит

Корейаг алфавит у корейаг æвзагыл кæй фæрцы фыссынц, уыцы алфавит. Хонынц æй хангыл дæр (Корейы хуссары) æмæ чосонгыл дæр (Корейы цæгаты). Лингвисттæм гæсгæ, рагон корейаг алфавит иттæг хорз бæззы корейагау фыссынæн.

Хангылæй фыст дзырд «хангыл» (hangul)

Корейаг алфавит корейаг лингвисттæ сарæзтой 1443 азы къарол Седжоны заказмæ гæсгæ. Корейаг адæм сæ алфавитæй тынг сæрыстыр сты æмæ йæ кадæн сарæзтой сæрмагонд бæрæгбон — Хангылы бон.

Дамгъæтæ

Хуссайраг традицимæ гæсгæ, алфавиты нымайынц 24 дамгъæйы. Уыдон сты:

ㄱ ㄴ ㄷ ㄹ ㅁ ㅂ ㅅ ㅇ ㅈ ㅊ ㅋ ㅌ ㅍ ㅎ ㅏ ㅑ ㅓ ㅕ ㅗ ㅛ ㅜ ㅠ ㅡ ㅣ

Цæгатаг традицимæ гæсгæ, корейаг алфавиты ис 40 дамгъæйы (уыдон дывæргонд дамгъæты дæр нымайынц, æмæ уый тыххæй):

ㄱ ㄴ ㄷ ㄹ ㅁ ㅂ ㅅ ㅇ ㅈ ㅊ ㅋ ㅌ ㅍ ㅎ ㄲ ㄸ ㅃ ㅆ ㅉ ㅏ ㅑ ㅓ ㅕ ㅗ ㅛ ㅜ ㅠ ㅡ ㅣ ㅐ ㅒ ㅔ ㅖ ㅚ ㅟ ㅢ ㅘ ㅝ ㅙ ㅞ

Уæрæсейы цы корейаг дзырдуæттæ уагъд цæуынц, уыдон пайда кæнынц цæгат-корейаг системæйæ.

Транскрипци

дамгъæуырыссаг
транскрипци
(ног) латинаг
транскрипци
г / кg / k
нn
д / тd / t
р / л (ль)r / l
мm
б / пb / p
с / -тs
сæрæй æвæрд куы вæййы, уæд хицæн кæны æмхъæлæсон/ уæнгы кæрон куы вæййы, уæд та дзырдæуы "нн"/"нг"ng
дж / -тj
ч / -тch
к / -кk
т / -тt
п / -пp
хh
ккkk
ттtt
ппpp
ссss - уæнгы кæрон та свæййы tt)
ччjj
аa
яya
оeo
ёyeo
оo
ёyo
уu
юyu
(куыд уырыссаг "ы")|eu
иi
эae
йяyae
э / еe
йе / еye
уыoe
уиwi
Ый / иui
уаwa
уоwo
уеwae
уыweo