Тбилис
- Калак у Гуырдзыстоны сæйраг сахар. Æндæр нысаниуджыты тыххæй кæс Калак (нысаниуджытæ).
Тбилис[2] (гуырдз. თბილისი) кæнæ Калак[3][4] (дзырд гуырдз. ქალაქი: [калаки] нысан кæны сахар, æмæ Тбилисы уый тыххæй ир схуыдтой Калак; цæгаты Дзæуджыхъæу, горæт, зæгъгæ, куыд схуыдтой, афтæ), дыгурон вариант: Тифлис[5] — у Гуырдзыстоны сæйраг сахар.
Сахар | |
Тбилис / Калак | |
---|---|
гуырдз. თბილისი | |
41°43′ с. ш. 44°48′ в. д.HGЯO | |
Паддзахад | Гуырдзыстон |
Истори æмæ географи | |
Бындурæвæрд | ≈ 455 |
Фыццаг кой | IV æнус |
Фæзуат |
|
Сахатон таг | UTC+4:00 |
Цæрджытæ | |
Цæрджытæ | |
Цифрон идентификатортæ | |
Телефонон код | +995 (32) |
Посты индекс | 0100–0199 |
tbilisi.gov.ge(гуырдз.) | |
Викикъæбицы медиа |
Цæрджыты нымæц: 1,3 милуаны бæрц.
Сахарæн йæ бындур æвæрд æрцыд V æнусы, паддзах Вахтанг I Горгасалийы фæндонмæ гæсгæ.
Ном
Тбилиси гуырдзиаг æвзагæй цæуы (гуырдз. თბილი [тбили] «хъарм»). Иронау æй арæх хуыдтой Калак (гуырдзиаг дзырд калаки-йæ, хуымæтæджы «сахар»[3]), ныры мыхуыр арæхдæр пайда кæны Тбилис, зæгъгæ, ахæм номæй. 1936-æм азмæ уырыссагау сахары ном уыд Тифлис.
Географи
Тбилис лæууы цæугæдон Къуары былыл.
Транспорт
Тбилисы ис метрополитены системæ. Уый скуыста 1966-æм азы 11 январы æмæ 2007-æм азмæ йæ скондмæ хауынц хæххыты 26,3 км æмæ 22 станцæйы.