Чиндзи

Чиндзи[1][2][3] кæнæ тымбыл хъонтхора, дыгур. кендзе (лат. Coriandrum sativum, уырыс. Кориандр, Кинза) у популярон цæхæрадоны кæрдæг.

Чиндзи
Зонадон классификаци
Паддзахад:
Къорд:
Apiales
Дæлбинонад:
Apioideae
Трибæ:
Coriandreae
Мыггаг:
Хуыз:
Чиндзи
Æхсæнадæмон зонадон ном
Coriandrum sativum L., 1753
Синонимтæ
  • Bifora loureiroi Kostel.
  • Coriandropsis syriaca H.Wolff
  • Coriandrum diversifolium Gilib.
  • Coriandrum globosum Salisb.
  • Coriandrum majus Gouan
  • Selinum coriandrum E.H.L.Krause

Ацы кæрдæгæй адæм рагæй базыдтой, игæрæй маст æддæмæ кæй тæры, уый. Йæ мыггæгтæ йын амонынц С-авитаминозы (цингайы) ныхмæ. Хосæн хорз сты йæ цъæх сыфтæ. Бафтауынц сæ алыхуызон салаттыл, бутербродтыл æмæ дзидзайæ конд алыхуызон хæринæгтыл. Йæ мыггæгтæй дзæвгар хъæздыгдæр свæййынц аджикæ, цæхджынтæ, маринадтæ. Сты «хмели-сунелийы» ахсджиаг æфтауæн.

Чиндзийы нæмгуытæ дæттынц зынаргъ зети — уымæй пайда кæнынц техникæ æмæ парфюмерийы.

Чиндзийы дидинджытæ æвзæры бирæ нектар, уымæй мыдыбындзытæ кæнынц адджын æмæ рæсугъд сырхбын мыд.

Фиппаинæгтæ