Android

операцион системӕ

Android ([ˈandrɔɪd]; бердзенаг. ἀνήρ — адæймаг, лæг + фæсæфтуан -oid - адæймаджы хуызæн робот ; «Андро́ид») — операцион системæ смартфонтæн, планшеттæн, электронон чингуытæн, цифрон плеертæн, къухылдаргæ сахаттæн, фитнес-браслеттæн, хъазæн консольтæн, ноутбуктæн, нетбуктæн, смартбуктæн, Google Glass-æн[1], телевизортæн[2] æмæ æндæр фæрæзтæн (2015 азы ма фæзынд автомобилон хъазæн системæты[3] æмæ цардыуагон роботтæн).

Йæ бындур у Linux-ы ядро[4] æмæ йæхи виртуалон машинæ Java-йы реализаци Google-æй.Сæрæй йæ арæзта компани Android, Inc., кæцыйы стæй балхæдта Google. Уый фæстæ Google инициативæ рахаста Open Handset Alliance-ы аразыны тыххæй (OHA), кæцы ныр архайы платформæйы райрæзтыл.

Android бар дæтты аразын Java-æфтуантæ, кæдон разамынд кæнынц фæрæзтæй Google библиотекæты фæрцы.Android Native Development Kit та бар дæтты рапорт кæнын библиотекатæ æмæ æфтуаны компоненттæ, кæдон фыст æрцыдысты Си-йыл æмæ æндæр æвзæгтыл.

86 % смартфонтыл, кæдон уæй æрцыдысты æнæхъæн дунейы(2014 азы дыккаг кварталы), уыд æвæрд операцион системæ Android[5]. Аразджыты конференцыл, кæцы уагъд æрцыд Зæрдæвæрæны мæйы 2017 азы, Google загъта, ома, цæргæ цæрæнбонты сактиваци кодтой 2 млрд Android фæрæзты.

Истори

Логотип, кæцыйæ пайда кодтой 2007 - 2014 азмæ

11 июлы 2005 азы корпораци Google балхæдта компани Android, Inc.[6][7] 130 милуан доллартæй. 5 ноябры 2007 азы компани официалон æгъдауæй фехъусын кодта Open Handset Alliance (OHA) кæй сарæзта, уый тыххæй, æмæ санонс кодта гом мобилон платформæ Android[8], 12 ноябры 2007 азы альянс фенын кодта фыццаг пакеты верси аразджытæн Android «Early Look» SDK æмæ эмулятор Android[9].

Рухæны мæйы 23 боны 2008 азы официалон æгъдауæй рацыд операцион системæйы фыццаг верси[10][11], æмæ фыццаг æххæстаргъ аразджыты пакет SDK 1.0, Release 1[12][13]. Уыцы рæстæгæй рацыд бирæ снгодзинæдтæ, кæдон схафтой рæдыдтытæ æмæ ног функцитæ дзы баппæрстой.

2009 азы фенын кодтой 4 платформæйы сногдзинады. Февралы рацыд верси 1.1, кæцыйы бирæ рæдыдтытæ сраст кодтой[14]. Апрелы[15] æмæ сентябры[16] рацыд ноджы дыууæ сногдзинады — 1.5 «Cupcake» (капкейк) æмæ 1.6 «Donut» (пончик). Сногдзинад «Cupcake» бафтыдта бирæ ахсджиаг ивындзинæдтæ: виртуалон клавиатурæ, видеоты æвдыст æмæ фыст, браузер æмæ æнд[17]. «Donut»-ы фыццаг хатт фæзынд алыхуызон нæрстты ахъаз æмæ экраны æмæ экраны бæзджинад, хызтæ CDMA. Октябры та рацыд верси Android 2.0 «Eclair»[18] (эклер), кæцыйы фæзынд цалдæр аккаунты ахъаз, æвзаг HTML5-ы ахъаз æмæ æндæр сногдзинæдтæ, чысыл фæстæдæр ма дзы фæзынд «удгас обойтæ» æмæ ма фæивдто блок экраны хуыз.

2010 азы астæу[19] Google фенын кодта Android-ы верси 2.2, кæцыйы схуыдта «Froyo» (их йогурт), 2010 азы кæрон та[20] — Android 2.3 «Gingerbread» (Имбирон басылтæ). Сногдзинады фæстæ «Froyo» лæгæн фæзынд бар, ома пайда кæ ын фæрæзтæй, куыд бацæуæны бынат, пайда кæнын традиционон смартфоны блоктæй цифрон æви дамгъæ-цифрон паролæй æмæ ма дзы уыд æндæр ивындзинæдтæ, сногдзинад «Gingerbread» (Имбирон басылтæ) æрбахаста йемæ фылдæр контрол къопи æмæ бавæрды функцитыл, æфтуантыл контрол, цалдæр камерæйы ахъаз æмæ æнд.[14]

Критикæ

Фен ноджы

  • Android-ы верситы истори

Æддаг æрвитæнтæ

Фиппаинæгтæ